Ком зындгонд у уымæй, æмæ ам кæй нывæндынц саразын егъау къахкъæлæттон комплекс "Мамысан".
Ам цæрджытæ рагæй нал ис, фæлæ баззадысты йæ астæузаманон бæстыхæйттæ. Ам ис архитектурон цыртдзæвæнты æнæхъæн комплекс, уый нымæцы æфсæддон æмæ цæрæн мæсгуытæ — гæнæхтæ, рагон уникалон кувæндон Мидгау, æрдæгпырхытæ аргъуан æмæ рагон уæлмæрд.
Лисрийы ис тынг бирæ рагон цыртдзæвæнтæ. Уыдонæн сæ фылдæр хай баййæфтой стыр зиан æмæ дарддæр дæр пырх кæнынц. Бирæ мыггæгты минæвæрттæ сæхæдæг сфæнд кодтой сæ мыггаджы мæсгуытæ сæндидзын кæнын æмæ сын уыцы хъуыддаджы æххуыс кæнынц специалисттæ æмæ ахуыргæндтæ.
Ацы рагон астæузаманон горæт у хæххон архитектурæйы цыртдзæвæн æмæ федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон бынты объект. Уый ис æвæрд Кавказыл иууыл популярондæр туристон маршрутыл. Рæстæджы цыдимæ Лисри суыдзæн музей гом арвы бын.