Тедеты Дзамболат Уæрæсейы æмбырдгонды тыххæй Парижы: уæлахизмæ тырнын хъæуы

© Сайт Федерации борьбы РФ Дзамболат Тедеев
Дзамболат Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæгъдибар хъæбысхæсты уæрæсейæгтæ æртæ æвзист æмæ дыууæ бронзæ майдантимæ бацахстой æвдæм бынат иумæйаг командон бахыгъды. Ацы фæстиуæг ссис уæрæсейаг богалтæн иууыл æвзæрдæр историйы

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат йæ интервьюйы сайт Чемпионатæн банысан кодта, зæгъгæ уый, æмбырдгонды аннæ уæнгтимæ йæ зæрдæмæ æввахс хæссы командæйы саст дунейы чемпионаты Парижы. 

"Мæхиуыл хæцын. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды саст дæр мын тынг риссаг вæййы. Уым хорзæй ницы ис. Мах хъуыд уæлахиз æмæ нын уыд фадат уый саразын", — загъта Тедеты Дзамболат.

Тедеты Дзамболат историкон фæхæрды аххосджын кæны командæйы æрыгондзинад æмæ æвæлтæрддзинад.

Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Париж фенын æмæ рамбулын: æртæ ирон богалы стох кæндзысты дунейы чемпионаты

"Парижмæ махæй ацыд æвзонг командæ. Раст зæгъгæйæ, ног командæ. Мах нæ ацыдыстæм фыццаг скондæй. Кæд уæ хъус æрдардтат, уæд фарон лæппутæй бирæтæ тох кодтой æндæр уæзы категориты. Уыдон схонæн ис дебютанттæ æмæ уый раст уыдзæн. Уый æмрæстæджы та нæ ныхмæлæуджытæ АИШ æмæ Гуырдзыстонæй æрластой сæ фыццаг номырты, олимпиаг командæйы", — бамбарын кодта æмбырдгонды тренер.

Тедеты Дзамболат радзырдта, ныр та Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг нысан кæй сты олимпиаг хъæзтытæ Токиойы. Уымæй дарддæр ма, сæйраг тренер ныфс æвæры рæдтыдтытæ иууылдæр нымадмæ райсын æмæ стыр куыст ауадзын, цæмæй ацы парижаг рæдыд спортуарзджытæ ферох кæной куыд фыдфын.

Ног хабӕртты лентӕ
0