ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстонмæ афæдзы фæстæ æрбагуылф кæндзысты китайаг туристтæ. Республикæйы туроператор æмæгуыстады бадзырд сфидар кодта китайаг 8 операторимæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Къуырийы дæргъы фæсарæйнаг уазджыты зонгæ кодтой Цæгат Ирыстоны æлæмæттаг æрдзимæ æмæ историон-культурон хæзнатимæ. Сæ балцы кæрон Китайаг туроператортæ æмгуыстады бадзырд бафыстой цæгатирыстойнаг оператор "Иристон Трэвел"-имæ.
"Афæдзы фæстæ Цæгат Ирыстон цæттæ уыдзæн ацы бæстæйы туристы суазæг кæнынмæ. Къуыри Китайаг туроператорты минæвæрттæ арвыстой Цæгат Ирыстоны. Историкон-культурон бынтæ, æвдадзы хосау хæххон уæлдæф æмæ алæмæты бынæттæ сæм сæвзæрын кодтой стыр цымыдис. Ныр аскъуыддзаг кæнын хъæуы, Китайæ Ирыстонмæ куыд æрбатæхдзысты, уыцы фарстытæ, ссарын æвзаг чи зоны, ахæм гидты, стæй æнæмæнг бакусын хæххон районты инфраструктурæйы райрæзтыл", — дзырдæуы хъусинаджы.
Китайы 8 раззагдæр туристон операторы уыдысты Цъæйы æмæ Куыртаты кæмтты, федтой национ парк "Алания" æмæ мидæграбинаг æхсæрдзæнтæ.