ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Уырыссаг рæстдинон дзуары (УРД) аргъуан Цхинвалы арæзт фæуыдзæн ацы аз октябры, фехъусын кодта епископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонид Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны дыццæджы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Аргъуанон иерарх æрцыд Хуссар Ирыстонмæ президенты фæхуындмæ гæсгæ. Цхинвалы епископ федта Уырыссаг рæстдинон аргъуан æмæ радзырдта йæ арæзтады тыххæй президентæн.
"Абон мын уыд фадат аргъуанмæ бацæуын, купол у æмбæрзт, дзæнгæрæгдзæгъдæн арæзт у, цæуынц фæлындæн куыстытæ. Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ, октябры кæронмæ арæзтад балхынцъ уыдзæн", — загъта епископ.
Уый ма загъта бузныг, арæзтады чи кусы, уыцы адæмæн, "куыстытæ цæсгомджынæй æмæ рæстæгыл кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй".
"Аргъуан уыдзæн 58-æм æфсады дæлбар, цæудзысты йæм уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ æмæ Уæрæсейы минæварады кусджытæ. Аргъуаны дуæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзысты гом Хуссар Ирыстоны цæрджытæй алкæмæн дæр", — загъта епископ.
Фембæлды рæстæджы президент Бибылты Анатолий банысан кодта епископ Леониды хисæрмагонд хайбавæрд аргъуаны арæзтадмæ æмæ чырыстон дин æрфидар кæныны хъуыддагмæ.
"Фæнды мæ зæгъын стыр бузныг, ам цы куыст кæнут уый тыххæй – Цхинвалы рæстдинон аргъуаны арæзтады рæстæджы. Нæ дызæрдыг кæнын, ам цы хуыцаумæскуывдтæ цæуой, уыдон кæй фехъуысдзысты Дунескæнæгмæ æмæ Хуссар Ирыстон ацæудзæн дидинæфтыд æмæ размæцыды фæндагыл", — загъта президент.
Бибылты Анатолий банысан кодта, рæстдин кæй иу кæны монон бастдзинæдтæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмты. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы Конституцимæ гæсгæ, рæстдин кæй у бындурон дин.
Уырыссаг рæстдинон аргъуаны арæзтад Цхинвалы райдыдта 2016 азы.