ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Цхинвалы 131-æм профтехникон ахуыргæнæндон рохуаты уагъд у 1990-æм æзтæй фæстæмæ, хæстон архæйдтыты серьезон хъыгдард куы баййафта, уæдæй нырмæ.
Раздæры ахуырадон уагдоны æмдзæрæндоны бирæ æзты цæрынц лигъдæттæ. Уыдон нал дæр хъуыды кæнынц, донимæ проблемæтæ сын кæд нæ уыд. Нæ иу уыд бынтондæр, кæнæ иу куы фæзынд цыбыр рæстæгмæ, уæд та йæ хъуыд кæрты иунæг крантæй донгæрзты хæссын.
Апрелы лигъдæтты бабæрæг кодта президент Бибылты Анатолий, кæцы базонгæ æмдзæрæндоны проблемæтимæ. Фембæлды цы фарстытыл дзырдтой, уыдонæй иууыл сæйрагдæр уыд донифтонгады фарст. Президенты æххуысæй æвæрд æрцыд доны насос, фæлæ уый проблемæ нæ аскъуыддзаг кодта.
"Дон вæййы тынг стæм хатт, фæлæ уый нæ фаг кæны æнæхъæн корпусæн. Бирæтæ баззайынц æнæ донæй. Апрелы нæм æрцыд президент Бибылты Анатолий, кæцы бахæс кодта доны насос сæвæрын, уый фæрцы дон истам цъаййæ. Йæ визиты фæстæ нæм дон цыд æнæрлæугæйæ къуырийы бæрц, фæлæ та стæй райдыдтой проблемæтæ. Дон цы цъайæ исæм, уый у чъизи, кæсаджы тæф кæны. Æмдзæрæндоны цæры бирæ сахъхъат адæм æмæ сывæллонджын бинонтæ, кæцытæн зын у фыццаг уæладзыгæй æртыккагмæ дон хæссын", — загъта æмдзæрæндоны цæрæг Джиоты Ляля.
Цæрджытæ арæх фæцæуынц алыгъуызон инстанцтæм, фæлæ фæстиуджытæ алыхатдæр вæййынц цыбыррæстæгон.
"Мах цæуæм "Водоканал"-мæ куыд нæхи хæдзармæ, фæлæ уавæр хуыздæрырдæм нæ ивы. "Водоканал"-ы нын дзурынц, зæгъгæ, донифтонгадимæ проблемæты аххосаг у уый, æмæ Гудзабары цæрджытæ æрæхгæнынц, махмæ цы доны хæтæлтæ цæуы, уыдон, цæмæй донхæр кæной сæ цæхæрæдæттæ. Фæлæ сын уыцы бар ис? Нал æй зонæм, кæдæм ма фæцæуæм. Ныфс нын æвæрынц баххуыс кæнынæй, фæлæ уавæр йæ бынатæй не ′нкъуысы. Иу бон æй рауадзынц, дыккаг бон та нал вæййы. Зымæджы та бынтондæр нæ фæцæуы дон, иу кранмæ фæлæууæм рады – уый дæр фæкусы рæстæгæй-рæстæгмæ. Науæд та дон микрорайон ЦАРЗ-æй ласын. Тынг зын у цæрын, бынтон хуымæтæг цардуагон æнцойуаты хъуагдзинæдты уавæры", — дзуры Джиоты Ляля.