ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад ног ахуыры азы размæ фæтыхджындæр кæндзæн æдасдзинады мадзæлттæ. Ахæм бардзырд йæ кусджытæн радта ведомствæйы сæргълæууæг Наниты Игорь æрвылкъуырион оперативон æмбырдыл, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.
1 сентябры Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц зонындзинæдты бон. Ахуыр райдайдзæн Цхинвал æмæ республикæйы районты 53 скъолайы, афтæ ма ХИПУ, бирæпрофилон колледжы, музыкалон, медицинон æмæ аивадон ахуыргæнæндæтты æмæ дыууæ музыкалон скъолаты.
"Æмбырды рæстæджы республикæйы мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь аздæхта уæлдай хъусдард ног ахуыры азы райдианæн нывонд мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æхсæнадон уагæвæрд æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны фарстмæ. Службæтæ æмæ дæлхайæдты разамонджытæн уый радта хæслæвæрд скъолатæ æмæ сабидæттæ басгарын", — загътой МХМ-ы.
Уымæй дарддæр ма, фæндагон змæлды æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй æркастысты фарстмæ, цæмæй ахуырадон уагдæттæм æввахс фæндаджы фадгуытыл æвæрд æрцæуой барæй арæзт къуыппытæ.
Ног ахуыры азы агъоммæ скъолатæ басгæрстой Хуссар Ирыстоны УУМ-ы кусджытæ, алы скъолайы дæр уыдон банысан кодтой зынджы ныхмæ æдасдзинады домæнты фехæлд.