ЦХИНВАЛ, 31 авг —Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрады делегаци ацӕудзӕн Луганскы адӕмон республикӕмӕ, цы ран 1 сентябры уаргъд цӕудзӕн II экономикон форум, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
Делегацийы сконды уыдзысты уагдоны хистӕр Кокойты Геннадий ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Козаты Роин.
"Хуссар Иры минӕвӕртты хайадистӕй форум суыдзӕн радон къахдзӕф республикӕты ӕхсӕн экономикон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы. Нӕ нысан у базарадон-экономикон ахастыты ӕмӕ социалон бастдзинӕдты райрӕзт", — хъусын кӕны пресс-службӕ министры ныхӕстӕ.
Кокойты Геннадий ма банысан кодта, адӕмон хӕдзарады сгуыхтдзинӕдты равдыст ауадзын ЛАР-ы "дзурӕг кӕй у сӕ адӕмы ӕнӕсӕтгӕ удыхъӕдыл, кӕцытӕ хотыхджын конфликты уӕззау уавӕртӕм ӕнæкӕсгӕй фӕллой кӕнынц".