Президент: уадз æмæ ног ахуыры аз уа амондджын

© Sputnik / Наталья Айриян1 сентябрь Хуссар Ирыстоны
1 сентябрь Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий раарфæ кодта скъоладзаутæн, студенттæн æмæ ахуыргæнджытæн Зонындзинæдты боны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Фыццæгæм сентябрь – æрмæст ахуыры зын процессы райдайæн нæу, фæлæ ма у Зонындзинæдты бæрæгбон, æнæ уымæй Хуссар Ирыстоны рухс фидæнæн уæвæн нæй, загъта президент Бибылты Анатолий Зонындзинæдты боны фæдыл йæ арфæйы.

"Ног ахуыры азы райдайæн – алкæцы ахуырдзауæн дæр йæхицæн ног нысæнттæ æмæ хæстæ сæвæрыны рæстæг, кæцытæм хъæуы тырнын. Ацы бон уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ, сгуыхтдзинæдтæ, энерги æмæ зонындзинæдтæм тырнынад. Хицæн арфæ — фыццагкъласонтæн. Абонæй уæ разы кæнынц ног фæндæгтæ æмæ фадæттæ. Уадз æмæ макуы фесæфæт уа ахуырмæ тырнынад æмæ уын алы бон дæр хæссæт циндзинад", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Паддзахады сæргълæууæг ма бафиппайдта, 1 сентябрь кæй у хорз фадат ахуыргæнджытæн бузныг зæгъынæн.

Конференция минобразования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бахаста фæндон ахуыры азы райдиан аргъæвын

"Мæ зæрдæ уын зæгъы тыхтæ æмæ фæразондзинад, уæ хорз куысты æвдисæн та алыхатт дæр уæт уæ ахуырдзауты ирд æнтыстытæ. Уадз æмæ ног ахуыры аз уæт амондджын", — дзырдæуы арфæйы.

Хуссар Ирыстоны майрæмбоны райдыдта ног ахуыры аз. Цхинвал æмæ республикæйы районты скуыстой 53 скъолайы, афтæ ма ХИПУ, бирæпрофилон колледж, музыкалон, медицинон æмæ аивадон ахуыргæнæндæттæ æмæ дыууæ музыкалон скъолайы. Хуссар Ирыстоны скъолатӕм ӕрбацыд 798 фыццагкъласоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0