ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Цхинвалы районы Зары астæуккаг скъола ног ахуыры азæй хæсдзæн Хуссар Ирыстоны фыццаг президенты чызджы, ахуырады раздæры министр Цыбырты Маринайы ном, фехъусын кодтой президент æмæ хицауады пресс-службæйы.
1 сентябры скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн ног ахуыры азы фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты хицауады сæрдар Пухаты Эрик, экс-президент Цыбырты Людвиг, хъæуы цæрджытæ æмæ Цыбырты Маринайы хиуæттæ.
Пухаты Эрик раарфæ кодта скъоладзаутæн æмæ педагогон скондæн æмæ банысан кодта, скъола нырæй фæстæмæ кæй хæсдзæн Цыбырты Маринайы ном, уый та коллективыл кæй æвæры уæлæмхас бæрндзинад.
Цыбырты Людвиг бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ ахуырады министрадæн, Маринайы ном кæй с'æнусон кодтой, уый тыххæй.
"Мæ чызджы ном кæй хæсдзæн ацы скъола, уымæн ис символикон нысаниуæг. Ахуырады фадыгимæ баст уыд йæ цард…. Махыл бæрндзинад æвæры ацы къахдзæф æмæ стыр хъусдард æздахдзыстæм ацы скъоламæ…", — загъта уый.
Республикæйы фыццаг президент ма банысан кодта, Цыбырты Маринайы номыл фидар кæй æрцæудзæн преми, йæ бæрц уыдзæн 20 мин сомы. Уый азы кæрон лæвæрд цæудзæн скъолайы хуыздæр ахуырдзауæн.