ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фембæлд Хуссар Ирыстоны студенттимæ æмæ сын раарфæ кодта ног ахуыры азы райдайæны фæдыл, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Мах уæм æнхъæлмæ кæсæм ахуыры хорз хатдзæгтæм æмæ æнтыстытæм. Ма тæрсут уæ креативондзинадæй, фæсивæд алы дуджы дæр уыдысты æппæт хъуыддæгты размæгæнæг. Ахуыр кæнут. Размæ æмæ æрмæстдæр размæ!", — загъта цытджын линейкæйы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг.
Бибылты Анатолий банысан кодта, Ирыстоны æмæ йæ арæнты æддейæ сентябры райдайæн баст кæй у трагедиимæ, кæцы æрцыд 13 азы размæ Беслæны. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæм алы хатт дæр хъуыды кæндзысты æнæазымæй бабынуæвæг адæмы. Беслæны амæттæгты ном æрæмбырдуæвджытæ ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.