ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстонмæ цыппæрæмы фæуазæг сты уæрæсейы хуссар хайы нывгæнджыты æхсæнрегионалон симпозиум "Национальный колорит единой страны. Южная палитра"-йы архайджытæ, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.
Аивадон къабазы архайджытæ Цхинвалы уыдзысты боны дæргъы, уыдонæн ацæудзæн фембæлдтæ сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ æмæ республикæйы къухдариуæгадимæ.
"Ӕхсæнрегионалон симпозиумы уæнгты йæхимæ райсдзæн президент, уый фæстæ уазджытæ бабæрæг кæндзысты Цхинвалы фæндзæм скъолайы мемориалон уæлмæрд. Уæрæсейаг нывæгæнджытæн уыдзæн фембæлд сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ – Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны студенттæ æмæ ахуыргæнджытимæ, уый фæстæ та бабæрæг кæндзысты æвзонг нывгæнæг Ӕлборты Викторияйы куыстыты равдыст", — радзырдтой пресс-службæйы.
Уагдоны ма банысан кодтой, уазджыты иубонон балцы сæйраг мадзал кæй суыдзæн æвзонг нывгæнджыты форум "Эксперимент и традиция".
Программæйы кæройнаг пункт уыдзæн Хуссар Иры Национ музейы экскурси.