Балæвар кæн дæ "хорз" æмæ фервæзын кæн уæззау рынчын сывæллоны

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры райдыдта хæрзаудæн акци уæззау рынчын чызгæн схос кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæныны фæдыл
Хуссар Иры райдыдта хæрзаудæн акци уæззау рынчын чызгæн схос кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæныны фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры райдыдта хæрзаудæн акци уæззау рынчын чызгæн схос кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Уæззау рынчын чызгæн схос кæнынæн æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кæныны нысанæн Хуссар Иры райдыдта хæрзаудæн акци "Твори добро", фехъусын кодтой Sputnik организатортæ.

Рынчын сабийы мад: ӕз кӕронмӕ тох кӕндзӕн мӕ чызджы цардыл

Хæрзаудæн акци уадзы æнæкоммерцион организаци "Академия социологического анализа" компани "Остелеком"-имæ иумæ.

Дохтырты хатдзæгтæм гæсгæ, фондзмæйдзыд Гаглойты Милана ис уæззау уавæры. Чысыл чызджы хъысмæт уæлдайаг кæмæн нæу, уыдонæн сæ бон у арвитын текст "хорз" ахæм номырмæ 000757. Иу СМС аргъ лæууы 33 сомы.

"Мах хатæм алкæмæ дæр хайад райсын акцийы. Иумæйаг архайдæй махæн бантысдзæн хорздзинад саразын æмæ чысыл сабиты цард аирвæзын кæнын", – загътой центры.

Акцийы архайыны бар ис æрмæстдæр "Мегафон – Хуссар Ирыстон"-ы абоненттæн.

Цас фæрæзтæ æмбырд цæуой, уыдон æрвылкъуыри мыхуыр цæудзысты дзыллон информацийы фæрæзты.

Ног хабӕртты лентӕ
0