"Стыр Ныхас" æрæмбырд кæндзæн Ирыстоны дыууæ хайы минæвæртты

© Пресс-служба президента РЮОРоберт Гаглойты
Роберт Гаглойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Ирæтты уæлдæр советы" æнæрадон уанел ацæудзæн Дзæуджыхъæуы октябры кæрон

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik, Годжысаты Анна. "Ирæтты уæлдæр советы" æнæрадон фарастæм уанел ацæудзæн Дзæуджыхъæуы 26-27 октябры.

Æхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Ирæтты уæлдæр советы" хуссарирыстойнаг хайады хистæр Гаглойты Роберты ныхæстæм гæсгæ, уанелы хайад райсдзæн 500 делегаты дунейы 47 горæты ирон диаспорæтæй.

"Съезды дзырд цæудзæн культурæ, демографи æмæ ирон адæмы æнгомдзинады фарстытыл. Мадзалы темæты ʻхсæн уыдзæн политикон фарстытæ дæр, уыдонимæ Хуссар Ирыстоны бацыд УФ-йы скондмæ, дыууæ Ирыстон баиу кæнын æмæ иу Алани сразыны фарстытæ", – загъта организацийы сæрдар.

Гаглойты Роберт банысан кодта, съезд кæй ацæудзæн æмбæлон æмвæзадыл, æппæт организацион фарстытæ скъуыддзаг цæуынц дыууæ президенты æмархайдæй. Уый ма бафтыдта, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстон кæй сты "Стыр Ныхас" бындурæвæрджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0