ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Комитет "Беслæны мæдтæ"-йы уæнгтæ Дудиаты Сусанна, Гæдиаты Анета æмæ Сидахъты Рита ацыдысты Туркмæ беслæйнаг сывæллæттæн нывонд æнахуыр скульптурæйы æрбакондмæ, хъусын кæны Регион 15.
Мемориал æвæрд æрцыд ирон хъæу Пойразлыйы. Цырт у вазыгджын æфсæн конструкци, кæцыйæн йæ астæу ис мармæр къус. Къусæй цæуы дон, фæлæ йæм бавналæн нæй. Цырты арæзтадыл бакуыстой сфæлдыстадон лаборатори "Портал"-ы архайджытæ.
"Тынг, тынг зæрдæмæхъаргæ! Мах фæхуыдтой цырты бакондмæ. Цымыдис мæ кæны, цы фæндæгтыл нæ ракæндзысты нæ сывæллæттæ?… Ам алчидæр зоны Анетайы, алкæцы хæдзары йæ чызг Аланæйы къамтæ. Тынг хорз, зæрдæхæлар адæм", — загъта Сусанна.
Туркы бынæттон ирæттæ райстой беслæйнаг уазджыты хорз. Цырты арæзтад цы рæстæг цыд, уæд дæр уыдон баххуыс кодтой фæсивæдæн. Ацы бынат ныр фæлтæрæй фæлтæрмæ уыдзæн Беслæны трагедийы мысæн къуым.