ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) разамынады ног кусæджы снысан кæныны ныхмæ 50 адæймаг не ʻсты, фæлæ цыппар, фехъусын кодта журналисттæн уагдоны пресс-службæйы кусæг Чехойты Александр.
Уый аиуварс кодта, социалон хызæджы цы информаци апарахт ис, ома снысангонд адæймаджы ныхмæ рацыд бирæ адæм.
Амæй размæ социалон хызæг "Фейсбук"-ы ЦӔК-ы уæнг, Адæмон партийы минæвар Гаглойты Таира ныффыста, МХМ-йы куысджытæ 50-йæ кæй ныффыстой рапорттæ сæ куыст ныууадзыны фæдыл, криминалон милицийы хистæры хæдивæгæй Мамиты Вадимы снысан кæныны аххосæй.
Чехойты Александры ныхæстæм гæсгæ, цыппар кусæджы æцæг дæр ныффыстой рапорттæ сæ бынæттæ ссæрибар кæныны фæдыл.
"Цыппар кусæджы разы не ʻсты разамынады ног снысанæй, фæлæ мидхъуыддæгты министрады конфликт нæй", — загъта уый.
МХМ кусæг, кæцыйы нæ бафæндыд йæ ном зæгъын, загъта Sputnik, кусджытæ разы кæй не сты криминалон милицийы хистæры хæдивæгæй Мамиты Вадимы кæй снысан кодтой, уымæй.
"Ацы адæймагмæ фаг фæлтæрддзинад нæй, уый дзырддзæугæ лæгыл нымад нæ цæуы барадхъахъхъæнæг органты кусджыты хсæн, уый та сæвзæрын кодта æнæразыдзинад органты дæсгай æзтæ чи фæкуыста, уыдоны хсæн", — бамбарын кодта уый.