Президенты ӕххӕстбарджын ӕрдзырдта Сырх Дзуаримӕ гуманитарон проекттыл

© Пресс-служба МКККСырх Дзуары минӕвӕрттӕ ӕххуыс кӕнынц Хуссар Иры цӕрджытӕн
Сырх Дзуары минӕвӕрттӕ ӕххуыс кӕнынц Хуссар Иры цӕрджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы уынаффӕ цыд Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты ӕмархайдыл фӕсконфликтон уавӕр ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл проблемӕтӕ скуыддзаг кӕныны

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фӕсконфликтон уавӕр ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл Джиоты Мурӕт фембӕлд Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты хуссарирыстойнаг офисы сӕргълӕууӕг Фаррух Исламовимӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты пресс-службӕйы.

Ленингор, иунæг сылгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар иунæджы

Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕруынаффӕ кодтой Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты ӕмархайдыл фӕсконфликтон уавӕр ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл проблемӕтӕ скуыддзаг кӕныны.

"Сырх Дзуары гумманитарон проекттӕ Хуссар Ирыстоны хъӕуты цӕрджытӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл, кӕцытӕ зиан баййӕфтой 2008 азы хӕсты, афтӕ ма хӕстӕгон бастдзинӕдтӕ сног кӕныны, ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты агурыны ӕмӕ сӕ бинонтӕн ӕххуысы фӕдыл проекттӕ ӕвӕрццагӕй ӕндавынц бирӕ проблемон фарстытӕ скъуыддзаг кӕныныл", — банысан кодта Джиоты Мурӕт.

Дыууӕ фарс дӕр равдыстой тырнындзинад дарддӕры конструктивон ӕмгуыстадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0