ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Америкæйы иугонд штаттæ катай æвдисынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй æмæ домынц Уæрæсейæ се ʻфсады ракæнын, хъусын кæны РИА Новости АИШ æмæ Гуырдзыстоны иумæйаг кусæгон къорды хъусинаг.
"Америкæйы иугонд штаттæм тыхстдзинад æвзæрын кæнынц афтæ хуыйнæг "демаркацион куыстытæ" æмæ "уадзæн пунктты сæхгæд", — дзырдæуы хъусинаджы.
Кусæгон къорд та радон хатт "сфæлхатт кодта йæ сидтытæ Уæрæсемæ йе фсæддонты Гуырдзыстоны регионтæ — Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй ракæныны тыххæй".
"АИШ банысан кодтой сæ фидар позици, кæй сты Гуырдзыстоны хæдбардзинад, территориалон æнæхъæндзинад, æхæсæнадæмон нымад арæнты бахъахъхъæныны æвварс", — дзырдæуы иумæйаг хъусинаджы.
Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны цагъта æмæхст хæцæнгарз "Град"-æй. Гуырдзыстоны æфсады æрбабырсты рæстæджы ныппырх ис столицæ Цхинвал. Уæрæсейы бахъуыд Хуссар Ирыстоны цæрджыты цард аирвæзын кæнынæн, кæцытæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ, æрбакæнын се ʻфсад. Мæскуы 26 августы 2008 азы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.