"ЛДПР" домы Цӕгат Иры ногӕй банымайын хъӕлӕстӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæВладимир Жириновский
Владимир Жириновский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы либералон-демократон партийӕн бантыст хъӕлӕстӕ ногӕй банымайын кӕнын Цӕгат Ирыстоны ӕвзӕрстыты фӕстӕ, цыран парти нӕ райста иу мандат дӕр

Цхинвал, 13 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцӕудзӕн сӕрмагонд къамис парламентон ӕвзӕрстыты хъӕлӕстӕ ногӕй банымайыны тыххӕй Уӕрӕсейы либералон-демократон партийы домӕнмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

В Северной Осетии завершилось голосование в республиканский парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Уæрæсе" рамбылдта Цæгат Иры парламентон æвзæрстытæ

"Махӕн бантыст къамис Цӕгат Ирыстонмӕ арвитын, абон атӕхдзысты. Мах домӕм уым хъӕлӕстӕ ногӕй банымайын. Бакӕсӕм реакцимӕ. Ӕмӕ ног къуыри ацы регионы фӕдыл сараздзыстӕм хатдзӕгтӕ", — загъта ӕртыццӕджы партийы лидер Владимир Жириновский.

Хицӕн ӕмӕ хицӕн ӕмвӕзадты ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцыдысты Уӕрӕсейы 85 регионӕй 82-йы, 16 субъекты ма ӕвзӕрстой регионты сӕргълӕуджыты дӕр.

"ЛДПР"-ы аппараты куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй уыдон арвыстой хъаст Уӕрӕсейы ЦӔК-мӕ, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы уыдон рафӕлгъаудтой бирӕнымӕц фӕткхалды цаутӕ.

Цæгат Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты архайдтой: "Иугонд Уæрæсе", "Партия роста", КПРФ, ЛДПР, "Патриоты России", "Альянс зеленых", "Справедливая Россия" æмæ "Родина".

Ног хабӕртты лентӕ
0