Президент сфаудта Хуссар Иры арæзтады темптæ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийы æмбырд хицауады уæнгтимæ æмæ арæзтадон организациты минæвæрттимæ
Бибылты Анатолийы æмбырд хицауады уæнгтимæ æмæ арæзтадон организациты минæвæрттимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий ауагъта æмбырд хицауады уæнгтимæ æмæ арæзтадон организациты минæвæрттимæ, фембæлд райдыдта карз критикæйæ

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сфаудта республикæйы нардуатон организациты куыст, кæцыты аххосæй инвестицион нывæзты объекттæ рæстæгыл лæвæрд нæ цæуынц эксплуатацимæ, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хицауады сӕрдар критикӕйы бын фӕкодта аразджыты ныллӕг темпты тыххӕй

Бибылты Анатолий ауагъта æмбырд хицауады уæнгтæ æмæ нардуатон организациты минæвæрттимæ Хуссар Ирыстоны 2017 азæн социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзт æххæст кæныны фæдыл.

Æмбырды хайад райста Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Хæдбар паддзахæдты цæдисы (ХПЦ) бæстæтимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин, кæцы ис Цхинвалы кусæгон балцы.

"Иу ахæм объект дæр нæй, кæцыйæ зæгъæн ис æмæ дзы куыст цæуы графикмæ гæсгæ, аразæгæн дæр йæ бон нæу зæгъын, цы æмгъуыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ кæй кусынц. Тыххæй никæй кусын кæнæм, аразæг кусы, науæд та сæрибар кæны арæзтадон фæзуат", — радæтта пресс-службæ президенты ныхæстæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, æппæт нардуатдарджытæ дæр кæй сты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ сæм æрсидт бæрнон ахастмæ сæ куысты, кæцы домы æмгъуыдмæ кусын æмæ техникон домæнтæ æххæст кæнын. Президент ма ныфс бавæрдта хицауад æмæ йæхирдыгæй, цы æмбæлы уый кæй араздзысты, уый нымæцы афоныл финансон фæрæзтæ дих кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0