ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Цхинвалы 9-æм скъолайы кæстæр кълæсты ахуырдзаутыл нæ аххæссыдысты чингуытæ. Проблемæ скъуыддзаг кæнынмæ бавнæлдта ахуырады министрад.
Ацы аз ахуырады министрад сифтонг кодта чингуытæй Цхинвалы æппæт скъолаты дæр.
Горæты 9-æм скъолайы дыккæгæм къласы ахуырдзаутæй бирæтæ балхæдтой чингуытæ сæхæдæг, уымæн æмæ ацы скъолайæн цы чингуытæ рахицæн кодтой, уыдон сыл нæ аххæссыдысты.
Министр Гасситы Наталийы ныхæстæм гæсгæ, скъолатæ æнæ чиныг нæ баззайдзысты.
"Мах балхæдтам чингуытæ фыццаг хатт, ныр бæлвырд кæндзыстæм, цæмæн афтæ æрцыд. Фарастæм скъола æнæ чингуытæй нæ баззайдзæн. Цы нæ фаг кæны, уыдон æлхæд æрцыдысты æмæ æввахс рæстæджы хæццæ кæндзысты скъоламæ", — загъта Гасситы Натали ПТРК "ИР"-ы комкоммæ эфиры.
Чингуытæй дарддæр ма боныгтæ æмæ канцтовартæй ахуырдзауты сифтонг кодтой дыууæ парламентон партийы.