ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Цхинвалы дыууæ ног сабидоны арæзтад фæкъаддæр кæндзæн скъолайы агъоммæ ахуыргæнæн уагдæтты радтæ, фехъусын кодта ахуырады министр Гасситы Натали.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы Инвестицион нывæзтмæ хаст æрцыд дыууæ сабидоны арæзтад Фидауынгæджыты æмæ Суворовы уынгтыл.
"Ахуырады министрад сæвæрдта хæс хъомылгæнджыты раз, цæмæй иууыл чысылты къордты ма уа 25-27 сабийæ фылдæр. Кæцыдæр рæвдауæндæтты сæ нымæц хизы 33-мæ", — загъта министр ПТРК "ИР"-ы эфиры.
Sputnik уацхæссæгæн иу сабидоны радзырдтой, сæ кæстæр къорды номхыгъдмæ гæсгæ кæй ис 36 сывæллоны.
Сывæллæттæ иуыл нæ цæуынц, фæлæ къорд у æгæр йедзаг. Сихоры фынæй рæстæджы кæцыдæр сабиты дыггæйттæй бахъæуы иу сынтæгыл схуыссын кæнын.
"Уый æвзæрын кæны ныййарджыты æнæразыдзинад. Фæлæ мах цы зылынджын стæм? Директор фидарæй куы зæгъы, бынæттæ йæм кæй нæй, уый фæстæ дæр та "уæлийæ" бахæс кæнынц сывæллон айсын кæнын. Уымæ гæсгæ сты къордтæ йедзаг", — загъта сабидоны кусæг.
Иууыл фылдæр ис сабитæ Цхинвалы централон рæвдауæндæтты, уымæн æмæ алчидæр архайы йæ сывæллоны куыстмæ æввахс сабидонмæ бакæнын.