Роспотребнадзор гриппы ныхмæ вакцинæтæ сараздзæн Ирыстоны 200 мин адæймагæн

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæВакцинаци
Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы райстой вакцинæ "Совигрипп", кæцы араздзысты куыд хистæр кары адæмæн, афтæ сывæллæттæн дæр

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Роспотребнадзор цæттæ у гриппы ныхмæ вакцинæтæ сарызын Цæгат Ирыстоны 286 мин цæрæгæн, хъусын кæны Градус Осетии.

Республикæйы райстой вакцинæ "Совигрипп", кæцы араздзысты куыд хистæр кары адæмæн, афтæ сывæллæттæн дæр. Иммунизаци райдайдзæн сом, майрæмбоны. Цæгат Ирыстоны нырма грипп нæ рабæрæг кодтой, фæлæ ацы аз æнхъæлмæ кæсынц дыууæ вирусмæ А(Н1N1) æмæ B.

Роспотребнадзоры социалон-гигиенон мониторингы хайады хистæр Джиголаты Ларисайы ныхæстæм гæсгæ, гриппæй хи бахизыны иууыл хуыздæр амæлттæй иу у вакцинаци.

"Иммунизацийы хуыздæр рæстæг у сентябры кæрон — октябрь", — загъта уый.

Джиголаты Лариса ма бафтыдта, ацы аз гриппы миниуджытимæ рынчындæттæм кæй бацыд 1400 адæймаджы, уыдонæн сæ фылдæр сты сабитæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0