Хуссар Ир 27-ӕм хатт банысан кӕндзӕн Республикӕйы бон

© Sputnik / Алексей КовалевРеспубликӕйы бон
Республикӕйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Хуссар Ирыстоны сывзӕрды бон банысан кӕндзысты равдысттӕй, ахуыргӕндты чингуыты презентацитӕй, концерт ӕмӕ ӕфсӕддон парадӕй

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Козаты Диана. Республикӕ Хуссар Ирыстоны сывзӕрды бонӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ райдайдзысты 19 сентябры, Паддзахадон тырысайы бонӕй, загътой Sputnik президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы. Паддзахадон тырысайыл хӕрдмӕ схӕцыны церемони ацӕудзӕн Цхинвалы централон фӕзуаты. Уый фӕстӕ райдайдзӕн акци "Азарӕм гимн иумӕ".

Республикæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Республикæйы бонмæ уыдзæн "дæргъвæтин улæфтытæ"

Хуссар Ирыстоны парламент 1990 азы 20 сентябры расидт Хуссар-Ирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Ӕрвылаз ацы бӕрӕгбон уӕрӕхӕй нысан цӕуы республикӕйы, датӕ президенты барамындӕй хаст ӕрцыд бӕрӕгбӕтты къӕлиндармӕ.

"Уыцы бон ма горӕты 5-ӕм скъолайы уагъд ӕрцӕудзӕн националон диктант, йӕ темӕ — Хуссар Ирыстоны паддзахадон символтӕ. Уымӕй дарддӕр ма уагъд ӕрцӕудзӕн ӕмбӕстӕгты паддзахадон хорзӕхтӕй сбуц кӕныны церемони", — загътой пресс-службӕйы.

Бӕрӕгбонон датӕмӕ ма ӕрӕмдзых кодтой РХИ фыццаг президент Цыбырты Людвигы чиныджы презентаци, кӕцы у нывонд адӕмон нывгӕнӕг Хъотайты Григорийы сфӕлдыстадӕн, афтӕ ма филологон зонӕдта кандидат Дзиццойты Юрийы чиныг "Вопросы осетинской филологии"-йы презентаци.

"Киноконцертон зал "Чермены" ацӕудзӕн адӕмон инструментты ансамбль "Айзӕлды" концерт, Ленингоры поселочы та — Уӕрӕсейы Националон гвардийы ансамблы концерт", — бафтыдтой пресс-службӕйы.

Республикӕйы равзӕрды бон ма традицимӕ гӕсгӕ банысан кӕндзысты ӕфсӕддон парадӕй, кӕцы райдайдзӕн централон фӕзуатыл 11.00 сахатыл. Парады фӕстӕ та уагъд ӕрцӕудзӕн ӕхсӕнады минӕвӕртты демонстраци "Ӕз хъусын фидӕны зарӕг".

Ноджы ма иу традици ссис этнографион бӕрӕгбон "Фыдӕлты бынтӕ" Къостайы хъӕуы.уым ма ӕрбайгом уыдзӕн "Цхинвайлаг Арбат" дӕр.

Изӕры 20 сентябры Цхинвалы ацӕудзӕн паддзахадон ансамбль "Симд" ӕмӕ Уӕрӕсейы Националон гвардийы ансамблы иумӕйаг гала-концерт.

Ног хабӕртты лентӕ
0