ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр балæууыд "Иеговайы æвдисæнты" архайд республикæйы æрыхгæныны уынаффæйы фарс.
Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг ацы аз июлы барвыста Уæлдæр тæхондонмæ хъаст "Иеговайы æвдисæнты" архайд экстремистоныл банымайыны тыххæй. Хъаст лæвæрд æрцыд басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ, кæцы раргом кодта закондæттынад фехалыны цаутæ.
"Динон организациты фæдыл закон у цæттæ. Мах дæр нæ хъуыды зæгъдзыстæм уый тыххæй, æз хъуыды кæнын, æмæ уым алцыдæр лæмбынæг фыст у. Ӕз дæн ацы организацийы ныхмæ", — загъта спикер йæ интервьюйы Sputnik.
"Иеговайы æвдисæнты" уый схуыдта "карз сектæ", æмæ банысан кодта, уырдæм кæцы адæм бацæуынц, уыдон хайад кæй нал фæисынц æхсæнадæмон царды, сæ бон нæ вæййы медицинон æххуыс райсын, службæ кæнын æмæ æвзæрстыты хайад исын.
"Ацы фарстыл бирæ ис гæнæн дзурын, фæлæ цыбыртæй куы зæгъон, уæд хорз æмбарын, цæмæ æрыхгæдтой ацы организаци Уырысы. Мах æй хорз зонæм, ацы хъуыддаг кæй цæуы Ныгуылæнæй, фыццаг рады та АИШ-æй", — бафтыдта йæ ныхæстæм Гасситы Петр.
Хуссарирыстойнаг хицæутты ацы организацийы архайд бацымыдис кодта, Генпрокуратурæмæ куы бацыд хъусынгæнинаг, зæгъгæ, "æвдисæнты" æмбырдтыл парахатгонд æмæ пропагандæ цæуы экстремистон литературæ. Организацийы уæнгтæм ауагъдæуыд басгæрсттæ, кæцыты рæстæджы тыхон структурæты минæвæрттæ байстой динон литературæ, кæцы у хаст экстремистон æрмæджыты номхыгъдмæ.