Ирон дзюдоисттæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæнин майданы Европæйы чемпионаты

Бафыссын
НовостиTelegram
Дзюдойæ Европæйы чемпионат уагъд цыд словенаг Мариборы

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Ирон дзюдоисттæ Тасойты Инал æмæ Таймæзты Мæдинæ рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ Европæйы чемпионаты 21 азы онг кары спортсменты æхсæн, хъусын кæны Р-Спорт.

Тасойты Инал рамбылдта сыгъзæрин майдан 100 килограммæй уæлдæр уæзы категорийы, Таймæзты Мæдинæ та сыгъзæрин майдан чызджыты æхсæн 70 кг онг уæзы категорийы.

© Федерация дзюдо России / Тасойты Инал
Инал Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Инал

Индивидуалон ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, уæрæсейаг дзюдоисттæ равдыстой хуыздæр хатдзæг — алы æмвæзады дæр фæйнæ æртæ майданы. Командон турниры фæстиуджытæм гæсгæ Уæрæсейы æмбырдгондæн ис Европæйы чемпионаты бронзæ майдан.

21 азы онг кары спортсменты æхсæн Европæйы чемпионат уагъд цыд спорткомплекс "Лукна"-йы аренæйыл Мариборы (Словени). Хайад дзы райстой 400 спортсменæйы фылдæр Европæйы 41 бæстæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0