ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Турчы уæвæг ирон æхсæнадон организаци "Аланты" делегаци æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, Цхинвалы уазджыты йæхимæ райста президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны йæ пресс-службæ.
Диаспорæйы уæнгтæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ республикæйы сырæзтыл 27 азы сæххæсты бæрæгбонмæ.
"Бæрæгбонты алыхатт дæр ссарут рæстæг, цæмæй æрцæуат республикæмæ æмæ Турчы цæрæг ирæтты номæй зæгъат арфæйы ныхæстæ, уый тыххæй уæ стæм æгæрон бузныг. Бæрæгбон æнæ уазджытæй бæрæгбон нæу. Ӕмæ не ′мбæстæгтæ фæцин кæнынц, не ′фсымæртæ æмæ нæм нæ хотæ Туркæй кæй æрцыдысты, уыцы хабарыл", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Уый фехъусын кодта уазджытæн, октябры Дзæуджыхъæуы кæй ацæудзæн Ирон адæмы съезд, уырдæм хуынд сты Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттæ дæр.
"Ахæм съезд нæ фæнды ауадзын фидæн аз дæр, цы ран уынаффæ кæндзысты алыгъуызон проблемæтыл æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны фæндæгтыл: ирон æвзаг бахъахъхъæнын, дунейы цæрæг ирæтты æхсæн бастдзинæдтæ сфидар кæнын æмæ бирæ æндæртыл", — загъта президент.
Ирон æхсæнадон организаци "Аланты" къухдариуæггæнæг Садреттин Кушоглу (Хъуыссаты) загъта бузныг Бибылты Анатолийæн республикæмæ фæхуынды æмæ хъарм райсты тыххæй.
"Фыдыбæстæмæ нæ алы æрцыды рæстæджы фæцин кæнæм нæ алы боныл дæр Ирыстоны. Нæ зæрдæтæ кæддæриддæр сты Ирыстонимæ, нæ хъус лæмбынæг дарæм, ам цыдæриддæр цæуы, уымæ", — загъта уый.
Амалиуæггæнæг Канык Мехмет Шериф фембæлды рæстæджы загъта, ныфс кæй æвæры Хуссар Ирыстоны территорийыл инвестицион проектты реализацийæ. Уый банысан кодта, ахæм хъæппæрисæн йæ бындур кæй у Фыдыбæстæйæн пайда æрхæссын.