ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта милицийы булкъон Дзабиты Ӕхсары министры хæдивæгæй – республикæйы МХМ-ы кадрты управленийы хистæрæй, хъусын кæны республикæйы президент æмæ хицауады пресс-службæ.
Ведомствæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй Дзабиты Ӕхсар раздæр лæууыд Хуссар Ирыстоны Дзауы районы мидхъуыддæгты хайады сæргъ.