Зассеты Феликс: Ирыстон чи куыд уарзы, афтӕ дзы цӕрынӕй бафсӕдӕт

© FacebookЗассеты Феликс
Зассеты Феликс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1990 азы 20 сентябры ист ӕрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы ахсджиагдæр документтæй иу – расидт ӕрцыд Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон. Суагъæ фидар æрцыд областон адӕмон депутатты сессийы Зассеты Феликс æмæ Кокойты Иваны къухфыстæй.

Ацы историон къахдзæфæй 27 азы фæстæ Республикæ расидыны фæндоныл йӕ къухӕрфыссӕг, раздӕры хуссарирыстойнаг автономон областы адæмон депутатты советы æххæстгæнæг комитеты сæрдар Зассеты Феликс радзырдта Sputnik йæ мысинæгтæ æмæ æнхъæлцты тыххæй.

— Хуссар Ирыстоны демократон республикӕ Советон Цæдисы сконды расидыны документ фидар æрцыд Кокойты Иван æмæ Дæ къуыхфыстæй. Куыд ист цыд ацы историон документ æмæ уыцы бонтӕй арæхдæр Дæ зæрдыл цы æрлæууы?

— Дыууæ къуырийы бæрц нæ сесси иргъæвтам — не ʻмбырд кодта кворум. Ахизæнтæ нæ уыд, депутаттæн хъӕутӕй, районтӕй æрцæуыны фадат нæ уыд, стæй дзы 20 адӕймаджы бæрц та уыдысты гуырдзиæгтæ, уыдонæн та сæ фылдӕр сесситæм нæ цыд.
1990 азы 20 сентябры сессийы ма иу адӕймаг нӕ фаг кодта кворумӕн, ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм… Фӕндыд нӕ саразын афтӕ, цӕмæй нӕ рахæсгæ уынаффæмæ фидӕны фау ӕрхӕссӕн ма уыдаид. Боны ӕртӕ сахатыл хъуамӕ райдыдтаид сесси, фӕлӕ ӕртӕ сахатӕй фылдӕр ныффӕстиат стӕм.

Уæдмæ æризæр ис. Ӕрдӕг сахат радтой рухс, стӕй йӕ ахицӕн кодтой. Хорз æй хъуыды кæнын, чи хаста цырӕгътӕ, чи лампæтӕ ӕмӕ афтӕ адарддӕр кодтам куыст. Сесси ахаста æхсæвы дыууӕ сахаты ӕрдӕгмӕ. Парламенты бӕстыхайы органон залы къух батъыссæн нæ уыд. Театралон фӕзуаты ӕмӕ парламенты раз адӕмӕй азмӕлӕн нӕ уыд. Уыд хъарм ӕхсӕв, адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты нӕ уынаффæмæ.

Цалдӕр хатты мӕ рахизын кодтой сессийӕ — дзырдтой Гуырдзыстонӕй. Уӕд сӕ фыццаг секретарь уыд Гиви Гумбаридзе, уый мæ фӕдзӕхста — "ма бакӕнут афтӕ". Ӕмбарын ӕй кодтон, ӕндӕр гӕнӕн дзы кӕй нал уыд, уымӕн ӕмӕ адӕмы фӕндон уыд. Стӕй махӕй сӕ бон куы базыдтой, уӕд бацархайдтой Мӕскуыйы фæрцы ныл бандавын. Фæдзурын мæм кодтой Рафик Нишановы. Уæд уый уыд стыр лӕг, ӕрттыккаг адӕймаг Цӕдисы, разамынад лӕвӕрдта Уӕлдӕр советы нациты советæн. Уый дӕр мын дзырдта — "не принимайте, преждевременно". Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ сессийы нæ фæндон сфидар кодтам æхсæв дыууæ сахатмæ æввахс — расидт æрцыд Хуссар Ирыстоны демократон республикæ Советон цæдисы сконды.

—  Дæхæдæг æй уæлдæр загътай, Областон советы адӕмон депутаты сессийы уынаффӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастытсты бирӕ адӕм. Куыд сӕмбӕлдысты уӕ рахӕсгӕ фӕндоныл?

Куыд хъамӕ сӕмбӕлдаиккой? Адӕм цӕмӕ тырныдтой, уый сӕ къухы бафтыд. Сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Æз та мӕ хӕдзарыл сӕмбӕлдтӕн ӕхсӕвы 3 сахатыл.

—  Абон фехъусæн ис алыгъуызон хъуыдытæ, иутæ дзурынц, зæгъгæ, хицауадӕй бирæтæ уыдысты ацы фӕндоны ныхмæ дæр?

— Ацы уынаффæйы ныхмæ кæд исчи уыд, уæддæр сæ абон азым кæнынц, кæй тарстысты. Фӕлӕ уыдон сæхицæн нæ тарстысты, сæ тас уыд Ирыстоныл æмæ адæмыл. Фарсхæцæг нын нæ уыд, нæ нæ уыд Мæскуыйæ ныфс. Хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, 80 мин адæймагæй цалдæр мин куы ныццæгъдой, уæд нæ ахæм аргъæй хъæуы ацы фæндон? Куы нæм æрбабырсой, уæд чи æмæ цæмæй хъахъхъæндзыстӕм нæ адæмы куынæгæй?

—  Куыд хъуыды кæныс, 1990 азы сентябры рахӕсгӕ уынаффӕ иунӕг раст уыд, ӕви ма уыд ӕндӕр хуыздаер фадӕттӕ?

— Уый раст уынаффӕ уыд, рӕстӕг дӕр æй сбæлвырд кодта. Республикӕ расидтӕй хуыздæр уыцы рӕстӕджы ницы уыд æрымысæн. Ӕрмӕст хъуамӕ уыдаиккам цӕттӕдӕр. Ацы уынаффӕйы фӕстӕ Гуырдзы куы ӕрбацыдысты, лӕппуттӕ сӕ куы ӕрурӕдтой 23 ноябры, уӕд нӕм ӕппындӕр ницы уыд. Лӕдзгуытӕй дарддӕр сӕ къухы ницы уыд, хӕцӕнгарз кӕм уыдис. Уыдыстӕм бынтон ӕдзӕттӕ.

—  Республикæ расидыны фӕстӕ 1992 азы 29 майы райстам хӕдбардзинады акт, абон ацы дыууӕ историон документы алыварс сцайдагъ вӕййы хъаугъа — иу ӕви иннӕ документ у сӕйрагдӕр. Куыд хъуыды кӕныс, историйы кӕмӕн уӕзгæдӕр нысаниуӕг ис?

— Дыууӕтӕ дӕр ахсджиаг документтӕ сты. Стӕй хӕдбардзинады акты нысаниуӕг ничи дӕлӕмӕ кӕны, фӕлӕ уый дӕр Республикӕйы бындурыл ӕрцыд ист. Чи сӕ у ахсджиагдӕр, уый ӕрмӕст Хуыцау зоны. Фӕлӕ республикæ расидыны фӕндон дӕр кӕд афтӕ ницӕйаг уыд, уӕд нӕ ныхмӕ ахӕм тох цӕмӕн цыд? Куыдфӕндыйы ахаст сын куы уыдаид Советон хицауад ӕмӕ Гуырдзыстоны хицæуттæн дӕр, уӕд нӕ ныхмӕ афтӕ нӕ архайдтаиккой. Республикæ расидтыстæм раздæр, стӕй уыцы рӕстӕджы уый хъӕугӕдӕр уыд. Уырдыгӕй цӕуы йӕ райдайӕн Хуссар Иры паддзахадӕн.

—  Æрхӕццӕ кӕны радон Республикӕйы бæрæгбон, цы зæрдæйы уагимæ æмбæлынц ацы боныл республикӕйы бындурӕвӕрджытӕ ӕмӕ расидджытӕ?

— Арæх æрымысын ацы бон, уæлдайдæр уæдау хъарм боныгъæдтæ куы вæййы. Æхсызгон мысинæгтæ мæ зæрдыл æрлæууынц. Цас бафтыд нæ къухы, цас нын бантыст уæдæй нырмæ. Æз фарастуæладзыгон бæсыхайы цардтæн, зымæгон бон суг хæдзæрттæм хæсгæ кодтой. Абон та æркодта хуыздæр рæстæг. Ныр дæр аразинæгтæ бирæ ис, фæлæ Мæскуы дæр уайтагъд нæ сыразт. Августы Хуссар Ирыстон хæдбардзинад куы банымадтой, уæд уыдтæн кусæгон балцы. Ацы æхсызгон хабар куы фехъуыстон, уӕд мæ нæ уырныдта кæронмæ, цалынмæ фондз хатты нæ байхъуыстон Медведевы барамындмӕ, уæдмæ мæм кæронмæ нæ бахъардта ацы цины хабар.

—  Абон Дæ зӕрдӕ Республикӕ Хуссар Ирæн цы фӕндиӕгтӕ зӕгъы?

— Хуссар Ирæн мæ рагæй фæнды, цæмæй ʻсуа хæдбар экономикæйы фадыджы, кæд кæронмæ нæ, уæддæр йæ бюджеты 80% онг йæхи тыхæй арæзт цæуа. Цæмæй республикæ рæза, размæ цæуа. Ирыстоны хуымтæ ӕмӕ зæххытæ схъæд сты. Кусæгон балцты Кæсæгыл рацæугæйæ зæрдæ рухс кæны сæ быдыртæй. Ирыстоны ʻрдæм куыд хæццæ кæнын, афтæ уавæр æвзæрдæр вæййы, Ручъы тоннелæй ацырдæм та бынтон мæгуырау. Уыдӕттыл хъӕуы кусын.

Рæсугъдæй рæсугъддæр кæнӕт мӕ Ирыстон, адæмæн дзы куыст ссарæн уӕт, фӕнды мӕ, цӕмӕй æрыздæхой, ам чи райгуырд, уыдон æмæ Уанеты Вадимау бакæной рауагъдадтæ. Æз афтæ зæгъдзынæн, фынгтыл дæр æй арæх ракувын —Ирыстон чи куыд уарзы, афтæ дзы цæрынæй бафсæдæт. Кæд уый æлгъыст у, уæд фыццаг мæн баййафæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0