Республикæйы бон банысан кодтой æфсæддон парадæй

© Sputnik / Наталья АйриянРеспубликæйы бон
Республикæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парады хайад райстой 800 службæгæнæджы æмæ 35 иуæджы æфсæддон техникæ

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстон расидыныл 27 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы централон фæзуатыл ацыд æфсæддон парад.

Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон нысан кæны Республикæйы бон

Хайад дзы райстой РХИ хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайӕдтӕ, Кадетон скъолайы курсанттæ, МХМ, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ.

Парады ма хайад райста æфсæддон техникæ. Ӕдæппæт маршы хайад райстой 800 æфсæддон службæгæнæджы æмæ 35 иуæджы æфсæддон техникæ.

Парад райста Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Парадон дæлхайæдты маршæн командæ дæтта республикæйы гарзджын тыхты генералон штабы сæргълæууæг, булкъон Виктор Федоров.

Бæрæгбоны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта республикæйы президент Бибылты Анатолий. Уый банысан кодта, ирон адæмы тынг бирæ фыдæбæттæ кæй бахъуыд, цæмæй знаджы ныхмæ фæлæууой æмæ слæууой сæ размæцыды фæндагыл.

"Ацы хъуыддаджы махæн стыр æххуыс бакодта æфсымæрон Уæрæсе, не 'ндыгъ æмахастыты бындур у бадзырдон-барадон базæ æмæ у фидар гаранти Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ размæцыдæн", — загъта президент.

Парады фæстæ та фæзуатыл райдыдта æхсæнады минæвæртты демонстраци "Ӕз хъусын фидæны зарæг". Республикӕйы бон адарддӕр уыдзӕн Къостайы хъӕуы этнографион бӕрӕгбонӕй "Фыдӕлты бынтӕ", уым ма ӕрбайгом уыдзӕн "Цхинвайлаг Арбат" дӕр.

Изӕры та Цхинвалы ацӕудзӕн паддзахадон ансамбль "Симд" ӕмӕ Уӕрӕсейы Националон гвардийы ансамблы иумӕйаг гала-концерт.
Бӕрӕгбон балхынцъ уыдзӕн фейерверкӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0