ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Горæт Гагрæйы Централон районон рынчындонмæ цæфтимæ фæхæццæ кодтой 1961 азы гуырд Р. Джопуайы, хъусын кæны Sputnik Абхаз мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.
"Бæлвырд æрцыд, Джопуа кæй райста цæфтæ, горæт Гагрæйы Ардзинбайы уынгыл ын цы агъуыст ис, уым срæмыгъды фæстиуæгæн", — дзырдæуы МХМ-ы хъусинаджы.
МХМ-ы хъусинагмæ гæсгæ, срæмыгъды аххосæгтæ сбæлвырд кæныны тыххæй уагъд цæуы экспертизæ.