Пухаты Эрик Валентина Шумлянскаяйæн: бузныг нæ сабитæм хъарм ахасты тыххæй

© Сайт Правительства РЮОПухаты Эрик йæхимæ райста Воронежаг областы делегацийы
Пухаты Эрик йæхимæ райста Воронежаг областы делегацийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмæ фæуазæг делегаци Воронежаг областæй æхсæнадæмон æхсæнадон проект "Взывает взорванный Цхинвал"-ы координаторы сæргълæудæй

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Воронежаг областы делегацийы æхсæнадæмон æхсæнадон проект "Взывает взорванный Цхинвал"-ы координатор Валентина Шумлянскаяйы сæргълæудæй, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Воронежы областы делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Воронеж ныхъхъавыдысты ӕмгуыстадмӕ

Хицауады сæрдар загъта бузныг делегацийы уæнгтæн сæ архайды тыххæй Хуссар Ирыстоны æмæ уæлдай бузныджы ныхæстæ та загъта Валентинайы Шумлянскаяйы адресыл сывæллæтты проблæмæтæм хъусдарды тыххæй.

"Куыд активон æмбæстагон позициимæ адæймаг, афтæ ды кæныс гуманитарон æмгуыстады хæслæвæрдты реализацийы фæдыл реалон архайд. Фæнды мæ зæгъын стыр бузныг, нæ сывæллæттæм цы стыр хъусдард здахыс, уый тыххæй. Ды сын лæвар кæныс циндзинад", — загъта Пухаты Эрик.

Воронежаг делегацийы сæргълæууæг дæр загъта бузныг Пухаты Эрикæн хъарм райсты тыххæй æмæ бахахх кодта, республикæйы къухдариуæгадимæ æмгуыстад адарддæр кæныны фæдыл йæ цæттæдзинад.

"Ныр 9 азы дæргъы мах æрцæуæм Хуссар Ирыстонмæ, куыд хæларадон æмæ рæсугъд бæстæмæ æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ хæларад макуы фескъуыйа æмæ кæна фидарæй фидардæр", — банысан кодта Шумлянская.

Уый ма бахахх кодта, æндæр бæстæтимæ бирæазон æмгуыстадмæ æнæкæсгæйæ йын Хуссар Ирыстонмæ кæй ис уæлдай ахаст. Фембæлды кæрон уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0