Киноныв "Къоста" поэты райгуырæн бонмæ рацæудзæн Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Руслан ТадтаевХетæгкаты Къостайы хæдзар-музей Нары
Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей Нары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джусойты Мураты кинонывы Ирыстоны номдзыд фырт Хетæгкаты Къостайы фæлгонц сæххæст кæндзæн Берозты Таймураз

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Номдзыд ирон фыссæг, поэт, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы царды иу хайыл ист цæуы киноныв Дзæуджыхъæуы. Фильм эфиры рацæудзæн Къостайы райгуырæн боны — 15-æм октябры, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Памятник Коста Хетагурову в центре Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тест: Цас зонгӕ дӕ Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ?

Киноныв дзурдзæн 1898-æм азы хабæрттыл — Къоста фæстаг хатт Херсонмæ æрвыст куы æрцыд, уый размæ рæстæгыл. Сфæлдыстадон къордæн разамынад кæны режиссер Джусойты Мурат. Киноныв у паддзахадон телерадиокомпани "Алани"-йы проект. Къостайы фæлгонц æххæст кæны рагон ирон музыкалон инструментты æмæ зарæгкæныны ансамбль "Къона"-йы солист Берозты Таймураз, уымæн уый у йæ фыццаг фæлварæн кинойы.

"Кинонывы презентаци уыдзæн 6-æм октябры медиафестиваль "Восхождение"-йы. Эфиры та æвдыст æрцæудзæн Къостайы райгуырæн боны — 15-æм октябры. Кино истой æртæ раны – дендрарийы, Къостайы хæдзар-музейы æмæ æфсæддон городокы. Ӕрмæг ист у, ныртæккæ йæ райдыдтой монтаж кæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

"Къоста" у чысыл аивадон киноныв. Цы цаутæ дзы æвдыст цæуынц, уыдон, гæнæн ис, æмæ æцæгдæр нæ уыдысты. Зæгъæм, иу сценæйы Хетæгкаты Къоста фембæлд Байаты Гаппоимæ, Цæголты Георгиимæ æмæ Джиоты Христофоримæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0