Ӕртæ ирон згъорæджы адугъ кодтой Мæскуыйаг марафоны

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæ"Марафон-2016"
Марафон-2016 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртæ ирон згъорæджы райстой хайад марафоны, кæцы ацыд ацы бонты Мæскуыйы

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Уалыты Сæрмæт, Муриты Мадлена æмæ Гæджиты Автандил райстой хайад æрвылазон Мæскуыйаг марафоны, хъусын кæны газет "Слово" зындгонд трейлранер Дмитрий Ерохины хъусынгæнинагыл æнцойгæнгæйæ.

Дмитрий Ерохин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ерохин: рахизæрдыгæй – Цæгат Ирыстон, галиуӕрдыгæй – Хуссар

Уалыты Сæрмæт ма райста хайад Ерохинимæ йæ фыццаг Алайнаг азгъорды Цæгат Ирыстоны. Уæд Ерохин сæвæрдта рекорд алыгъд республикæйы фæндæгтæ æмæ туристон къахвæндæгтыл 230 км бæрц. Суткæйы мидæг лыгъд 80 км бæрц. Мæскуыйаг марафонæн ис æппæтуæрæсейон статус.

Спортсмен радзырдта йæ тæлмæнты тыххæй æртæ ирон згъорæджы тыххæй, сæрмагондæй Муриты Мадленайы рахицæн кæнгæйæ.

"Чызг у алкæмæй тыхджындæр, азгъордта дæс марафоны", — загъта Ерохин.

Гæджиты Автандил адугъ кодта æртæ хатты, Уалыты Сæрмæты хыгъдыл та нырма ис иу азгъорд.

Спортсментæ æрæздæхтысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ ныр сæхи цæттæ кæнынц Дмитрий Ерохинимæ дыккаг Алайнаг марафоны хайад райсынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0