Синоптиктæ Ирыстоны рагзагъд кæнынц хъарм фæззæг

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæЖара в Москве
Жара в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны "бабье лето" æрлæудзæн октябры

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Синоптиктæ Цæгат Ирыстоны æнхъæлмæ кæсынц "бабье лето"-мæ октябры райдайæны, хъарм боныгъæдтæ ахæсдзысты 1-2 къуыри, хъусын кæны газет "Слово" республикæйы Гидрометцентры бæрæггæнæнтыл æнцойгæнгæйæ.

Дождь в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны скæндзæн æвзæр боныгъæд

"Ныфс мæ ис "бабье лето" кæй æрлæудзæн октябры райдайæны. Ӕнтæф нал уыдзæн, фæлæ уыдзæн райдзаст хурбонтæ, ахæсдзысты иу къуыри, гæнæн ис фылдæр", — загъта синоптик Галина Пикалюк.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сентябры хъарм боныгъæдтæ нæ хауынц "бабье лето"-мæ, фæлæ сты сæрдыгон сезоны хай.

Уый ма бамбарын кодта, уазæлттæ, кæцытæ райдытой амæй размæ ахæсдзысты къуырийы кæронмæ, уый фæстæ температура райдайдзæн хизын уæлæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0