ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хӕстон архӕйдтыты фӕцӕфуӕвӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл фонды делегаци хайад райсдзæн Уæлахизы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты Абхазы, фехъусын кодта фонды президент Плиты Мæдинæ.
1993 азы 30 сентябры Абхазы адӕм тугкалӕн ӕмӕ карз тохты фӕстӕ бирӕнымӕц амӕттӕгты удтӕй фӕуӕлахиз гуырдзиаг хотыхджын къордтыл, æрвылаз ацы бон республикæйы нысан кæнынц Уæлахизы бон.
Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты инвалидты фонд æрбахуыдта Уæлахизы бонмæ хæсты ветеранты Цхинвалæй, кæцытæ ссисты инвалидтæ Хуссар Ирыстоны æфсæддон архæйдтыты рæстæджы. Сухумы бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсдзысты дæс ветераны Цхинвалæй.
"Мах зæгъæм бузныг нæ абхазаг коллегæтæн фæхуынды тыххæй æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, кæцы нын баххуыс кодта балцы ацæуынæн. Махæн æрырвыстой мадзæлтты программæ, кæцыты исæм хайад – уыдон нымæцы Абхазы къухдариуæгадимæ фембæлд", — загъта Плиты Мæдинæ.
Уый ма банысан кодта, зæгъгæ Абхазмæ чи цæуы, уыдоны хсæн ис сæ къæхтæ ампутацигонд кæмæн сты, ахæм инвалидтæ, уыдон нымæцы Колыты Инал, кæцы йе 'нæниздзинады аргъæй не ′руагъта теракт Хуссар Ирыстоны.
"Немæ ис æртæ инвалиды ампутацигонд зæнгтимæ. Ныфс нæ ис æмæ уыдон бахаудзысты протезæвæрæн программæмæ. Абхазы къахы протезты хъуагдзинад æййафынц хæсти 200 инвалиды. Махмæ та сты 12 адæймаджы. Абхазмæ хъуамæ æрласой фæсарæйнаг протезтæ Германийæ æмæ ис гæнæн нæ лæппутæ дæр бахауой протезæвæрæн программæмæ", — загъта Плиты Мæдинæ.