Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад арвитдзæн фыццаг æхсæз къайы ЭКУ-мæ УФ клиникæтæм

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы соматикон рынчындон
Цхинвалы соматикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экстракорпоралон уддзыдмæ рады Хуссар Ирыстоны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады лæууынц 130 æмкъайы

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputink. Хуссар Ирыстоны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад арвитдзæн æхсæз æмкъайы экстрокорпоралон уддзыды (ЭКУ) процедурæмæ уæрæсейаг клиникæтæм, фехъусын кодта Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон райрæзты министр Точиты Георгий пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.

Сæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмкъæйттæ лæууынц рады ЭКУ-мæ

Уый бамбарын кодта, фыццаджыдæр ЭКУ-ы процедурæмæ æрвыст кæй æрцæудзысты ахæм æмкъæйттæ, кæцытæ сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ.

"Ӕнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхсты системæйы цы уæрæсейаг клиникæтæ кусынц, уыдон цæттæ сты райсын ЭКУ-мæ æмкъæйтты, кæд æмæ пациенттæ сты УФ-йы æмбæстæгтæ. Уымæй дарддæр ма пациентты документтæ хъуамæ æрвыст цæуой УФ-йы хосгæнæн уагдæттæй, уымæ гæсгæ æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ мах æрвитдзыстæм цæгатирыстойнаг медицинон уагдæттæй", — загъта министр.

Ахæм системæйыл министрад нырма никуы куыста, æмæ кæд фыццаг къахдзæфтæн уа æнтыстытæ, уæд уагдон æрвитдзæн ЭКУ-мæ фæйнæ 20 къайы мæйы мидæг.

"Нырма уал мах арвыстам документтæ æрмæстдæр фыццаг æхсæз æмкъайы фæдыл уæрæсейаг клиникæтæм. Куыддæр мах уыдонæй райсæм æвдисæнад, афтæ райдайдзыстæм æрвитын адæмы эксракорпоралон уддзыдмæ. Нырма уал мах фæлварæм æрвитыны ног методикæ, фæнды нæ æрвитын 20 къайы мæйы мидæг", — загъта министр.

ЭКУ-йы хъуагдзинад цы бинонтæ æййафынц æмæ УФ-йы æмбæстæгтæ чи не ′сты, уыдонæн ацы лæггад уыдзæн аргъыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0