ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Сочи æмæ æввахс районты цæрджытæ банкъардтой дæлзæхх æнкъуыстытæ æртæ баллы бæрц, хъусын кæны РИА Новости Сочийы сейсмологон станцыл æнцойгæнгæйæ. Зæххæнкъуысты эпицентр уыд хæхты, горæтæй 60 км дæрддзæф.
"Уыдис чысыл зæххæнкъуыст 06:35 сахатыл, æртæ баллмæ æввахс, Лазаревскы районы. Цæрджытæ банкъардтой дæлзæхх æнкъуыстытæ, уыд цалдæр телефонон хъусынгæнинаджы цæрджытæй. Зæххæнкъуысты эпицентр уыд хæхты, горæтæй 60 км дæрддзæф", — дзырдæуы сесмологон станцы сæргълæууæджы хъусинаджы.
Эксперттæ банысан кодтой, ахæм хъомысы зæххæнкъуыстытæ кæй сты арæх фæзындтæ Краснодары районы.
Уæрæсейы УУМ-ы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, зæххæнкъуысты фæстиуæгæн амæттæгтæ æмæ зианбаййафджытæ нæй.