ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон аргъ кæны Каталонийы адæмы фæндонæн сæ хæдбардзинады фæдыл, фехъусын кодта РИА Новости Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствæйы сæргълæууæг Медойты Дмитрий.
Каталони райста 1 октябры ауадзын хæдбардзинады фæдыл референдум ауадзыны фæдыл закон, кæцы нымадмæ нæ исы испайнаг хицауады.
Медойты Дмитрийы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны сæ хъус дарынц Испанийы политикон уавæрмæ, цы ран 6 сентябры Каталонийы парламент райста закон автономийы хæдбардзинады фæдыл референдум ауадзын.
"Референдум, куыд демократон процесс у адæмы фæндоны уæлдæр хуыз æмæ ацы ахсджиаг политикон акты фæстиуджытæн ис, кæй зæгъын æй хъæуы, бæлвырдгæнæн нысаниуæг æхсæнадæн", — зæрдыл æрлæууын кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр.
Медойты Дмитрийы ныхæстæм гæсгæ, Испанийы цæуæг цаутæ сты паддзахады мидхъуыддаг, "сæйраг та у уый æмæ процестæ ма рахизой бæстæйы барады фæлгæттæй æмæ дзуапп дæттой æхсæнадæмон принциптæн".
"Ам нæй руадзæн репресситæ æмæ дывæр стандарттæн. Мах кад кæнæм каталойнаг адæмы барæн хæдбар паддзахады статус райсыны тыххæй, кæцы у æхсæнадæмон барады ахсджиагдæр принципиалон бындуртæй иу", — бахахх кодта уый.
Ӕхсæнадæмон æмæхсæнад та, Хуссар Ирыстоны МХМ-ы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, "хъуамæ аздаха æппæт тыхтæ, цæмæй ма бауадза уавæры эскалаци".