Хуссар Ирыстоны премьер сарæзта комментарий йæ отставкæйы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянПухаты Эрик
Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министрты кабинеты сæргълæууæг Пухаты Эрик загъта, æхсæнадмæ барæй кæй цæуы "баппæрст алыгъуызон дам-думтæ"

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик фехъусын кодта, кæй нæ фæнд кæны цæуын йæ бынатæй. Уый сарæзта комментарий социалон хызæджы апарахатгонд посттæн, кæцыты автортæ фидарæй дзурынц, тагъд рæстæджы премьер кæй ацæудзæн отставкæйы.

"Ӕз нæ фæнд кæнын мæ бынатæй цæуын. Мæнæн ис бирæ куыст æмæ хæслæвæрдтæ, кæцытæ мын мæ разы æрæвæрдта уæлдæр къухдариуæгад", — загъта премьер.

Уый бахахх кодта, æхсæнадмæ барæй кæй цæуы "баппæрст алыгъуызон дам-думтæ, цæмæй сызмæнтой сабырад".

Ног хабӕртты лентӕ
0