Битарты Вячеслав: æмбæстæгты ралыгъд æмдзæрæндæттæй аскъуыддзаг уыдзæн 2019 азмæ

© Пресс-служба главы РСО-Алания Цæгат Ирыстон – Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав
Цæгат Ирыстон – Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг бахаста фæндон æмдзæрæндæтты цæрджытæн ног цæрæнуæттæ 2019 азмæ рахицæн кæныны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахаста хъæппæрис æмдзæрæндæтты цы æмбæстæгтæ цæрынц, уыдон ног цæрæнуæттæй сифтонг кæныны тыххæй, хъусын кæны мыхуыры орган Слово.

Проект æххæст цæуы æмбæстæгты аварион цæрæнуæттæй ракæныны фæдыл паддзахадон программæйы фæлгæтты.

Республикæйы къухдариуæггæнæг радта хæслæвæрд ацы хъæппæрис бахæссын 2019 азæн прораммæмæ.

Районты сæргълæуджытимæ æмбырды рæстæджы равдыстой Ӕрыдоны районы хæдзæрттæй иуы цæрджыты видеохъусынгæнинаг. Цæрджытæ рахъаст кодтой се 'взæр уавæртæй – рæстæгæй рæстæгмæ сын кæй ахицæн кæнынц дон æмæ рухс. Районы сæргълæууæг Тотраты Владислав равдыста разыдзинад хъусынгæнинагимæ æмæ загъта, ацы æмдзæрæндон сцалцæг кæнынæн 2018 азы рахицæн кæй æрцæудзысты æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0