Бæрæгбон æмæ хорзæхтæ: Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы

© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Профессионалон бæрæгбоны цытæн минстрадмæ фæуазæг ис РХИ уæлвæткон уавæрты фыццаг министр, президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ æртыццджы банысан кодтой сæ уагдоныл фараст азы сæххæсты бон. Коллективæн сæ бæрæгбоны фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыд паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий, кæцы 2008-2014 азты, суанг цалынмæ æвзæрст не ʻрцыд парламенты спикерæй, уæдмæ разамынад дæтта ацы министрадæн.

"Зæрдиагæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Тыхст рæстæджы сымах фыццаг фæхæццæ вæййут æххуысмæ. Уырны мæ, уæ разы цы хæстæ æвæрд цæуы, уыдон намысджынæй æххæст кæнут æмæ мæ ныфс мæ ис, дарддæр дæр уæ профессионалондзинад фæбæрзонддæр кæныныл кæй архайдзыстут. Бузныг уын зæгъын уæ куысты тыххæй", — загъта президент.

Сæ хорз куысты тыххæй министрады къорд кусæджы райстой паддзахадон хорзæхтæ. Фараст адæймаджы рахицæн æрцыдысты президенты барамындмæ гæсгæ майдантæй "На страже мира" æмæ "В ознаменование 25 республики", грамотатæ æмæ бузныджы гæххæттытæй.

© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
© Sputnik / Плиты Фатима Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
1/3
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
2/3
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы
3/3
Хуссар Иры Уæлвæткон министрадыл сæххæст 9 азы

Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан дæр уагдоны кусджыты схорзæхджын кодта "Службæйы цæвитойнаг"-ы I, II æмæ III къæпхæны майдантæй. Ацы бон ма цалдæр адæймаджы райстой цинтæ дæр, се ʻхсæн, Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыры фæстæ РХИ УУМ сæ куыст чи райдыта, уыдон дæр.

"Мах æппæт коллективæй ныр дæр президент Бибылты Анатолийы нымайæм нæ командæгæнæгыл. Уæ номæй президенты раз дзырд дæттын, УУМ йæ разы лæууæг хæстæ кæй æххæст кæндзæн цæсгомджынæй. Абон ам чи ис, науæд та йæ куысты уæлхъус, уыдонæй алчидæр æмбары, цы бæрндзинад сыл ис, уый", — загъта Тадтаты Алан.

Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады майдан "Адæймаджы фервæзын кæныны тыххæй"-йæ хорзæхджын æрцыд министрады кусæг Цхуырбаты Римас, кæцы ссардта æмæ йæ хæдзармæ фæхæццæ кодта, æрæджы Дзауы районы Къуылыхты хъæуы цы сывæллон фесæфт, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0