Бибылты Анатолий Хуссар Иры ахуыргæнджыты тыххæй: иттæг хорз кусут

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолийы 100 боны
Бибылты Анатолийы 100 боны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта ахуыргæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджыты бирæвæрсыг куыст дæргъвæтин блокадæйы вазыгджын уавæрты у æмбæстагон хъæбатырдзинад – уыдон схъомыл кодтой æмбæстæгты фæлтæр – патриотты æмæ æцæг интернационалистты. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфæйы телы ахуыргæнджыты æмæ педагогон куысты ветеранты адресыл.

"Абон уæ хъомылгæнинæгтæ куысты фронтыл размæ кæнынц республикæ, аразынц ног цард. Уыдон æнтыстджынæй реализаци кæнынц райсгæ зонындзинæдтæ кондады æмæ социалон къабазы, активон хайад исынц бæстæйы политикон царды. Сымахыл баст у нæ бæстæйы фидæн. Сымах æнтыстджынæй æххæст кæнут уæ мисси – æрыгон республикæйы рæзгæ фæлтæры хъомылад", — хъусын кæны президенты арфæ йæ пресс-службæ.

Ахуыргæнæджы дунейон бон, кæцы æрвылаз нысан кæнынц 5 октябры, ЮНЕСКО расидт 1994 азы. ССРЦ-ы æмæ Уæрæсейы ацы датæ 30 азы бæрц нысан кодтой октябры фыццаг хуыцаубоны. Фæстæдæр Ахуыргæнæджы бон райдыдтой нысан кæнын 5 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0