ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы фондз кусæджы бахаудтой аварийы Трансакамы фæндагыл Цхинвалæй цалдæр километры дæрддзæф, уыдоны иууылдæр фæхæццæ кодтой республикон соматикон рынчындонмæ, фехъусын кодтой медицинон уагдоны.
Медикты информацимæ гæсгæ, МХМ-ы кусджытæ цы машинæйы бадтысты, уый ахаудта былæй. Рынчындоны загътой, зианбаййафджытæ кæй нæ уыдысты нозтджын.
Аварийы бахауджытæй дыууæйæ уыдысты уæззау уавæры, уыдонæн æвæстиатæй сарæзтой операцитæ, ныртæккæ сæ уавæрæн аргъ кæнынц, куыд астæуккаг уæззау.
Аннæ æртæйы цæфтимæ хуыссынц рынчындоны травматологон хайады.