"IR-FM"-ы видеохыгъд бацыд медиафестиваль "Восхождение" шорт-листмæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваРадио Ир
Радио Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Майрæмбон у фестивалы кæройнаг бон, абон уынаффæ цæудзæн конкурсон куыстытыл, изæрæй фæбæрæг уыдзысты уæлахиздзаутæ

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио "IR-FM"-ы видеоролик бацыд æртыккаг æппæтуæрæсейон медиафестиваль "Восхождение" шорт-листмæ. 11-минутон алæвæрд дзуры адæмон къамисæг Гæбæраты Неллийæн фотоаппарат Sony A6000 куыд цыд æлхæд, уыцы акцийыл. Майрæмбон изæрæй фæбæрæг уыдзысты фестивалы хуыздæр куыстытæ, фехъусын кодта Sputnik радиойы директор Цхуырбаты Алан.

Работа на радио всегда кипит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радио "Ир-FM" исы арфæтæ йæ 85 азы юбилейы фæдыл

Августы радио "IR-FM" социалон хызӕгты расидт акци Хуссар Ирыстоны адӕмон къамисӕг Гӕбӕраты Неллийæн фотокамерӕ балхӕнынӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕртымбыл кӕныны фӕдыл. Иу мæйы æмгъуыдмæ къамисæгæн йæ къухы бафтыд адæмон лæвар. Фæстæдæр радиойы коллектив бацæттæ кодта видеоролик акцийы тыххæй.

" Радио "Ир"-ы акцийы видеохыгъд бахаудта æппæтуæрæсейон медиафестиваль "Восхождение" шорт-листмæ æмæ нæ фæхуыдтой Дзæуджыхъæумæ. Ам цæуынц мастер-класстæ, архайынц дзы Уæрæсейы ДИФ 50 делегаты бæрц. Майрæмбон у фестивалы кæройнаг бон, абон уынаффæ цæудзæн конкурсон куыстытыл, изæрæй фæбæрæг уыдзысты уæлахиздзаутæ", — загъта Цхуырбаты Алан.

Ӕртыккаг æппæтуæрæсейон медиафестиваль "Восхождение"-йы фæлгæтты Уæрæсейы бирæ регионты журналисттæ зонгæ кæнынц Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттимæ. Бабæрæг кодтой Гæздæнты авд æфсымæры цыртдзæвæн, федтой Дзывгъисы фидар, уыдысты Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0