ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Ӕвзаджы барьер нæ дæтта фадат Ленингоры районы гуырдзиаг скъолаты ахуыргæнинæгтæн Хуссар Ирыстоы иумæйаг ахуырадон программæтæй пайда кæнын æмæ УФ-йы уæлдæр ахуырадон уагдæттæм ахуырмæ цæуын, загъта ахуырады министр Гасситы Натали.
Ног ахуыры азы Ленингоры районы æхсæз гуырдзиаг скъолайы райдиан кълæсты бакодтой ахуыр уырыссаг æвзагыл. Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы ивындзинæдтæ ницы хуызы нæ халынц нацийы къаддæр хайы бартæ.
"Гуырдзиаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ ныры онг уыдысты иумæйаг ахуырадон системæйæн æдде. Ӕвзаджы барьеры тыххæй уыдонæн нæ уыд фадат спайда кæнын нæ программæтæй æмæ æддагполитикон квотатæм гæсгæ ахуырмæ цæуын УФ-йы уæлдæр ахуырадон уагдæттæм. Уыимæ иумæ мах сын ныууагътам бар гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнын", — загъта Гасситы Натали.
Уый бафиппайдта, уырыссаг æвзагыл ахуырмæ уал нырма кæй рахызтысты райдиан кълæсты ахуырдзаутæ, астæууккаг къласты ахуыргæнинæгтæ нырма ахуыр кæнынц гуырдзиаг æвзагыл чынгуытæй.
"Астæуккаг къласты мах ныууагътам ахуыр гуырдзиаг æвзагыл æнæ ивындзинæдтæй, уымæн æмæ уыдон сты ахæм кары, æмæ сын зын у æндæр æвзагмæ ахизын. Сывæллæттæ та губкæйы хуызæн æнцъирынц ногдзинæдтæ. Уыдон хъуамæ иттæг хорз зоной мадæлон æвзаг дæр æмæ уырыссаг æвзаг дæр. Уымæ гæсгæ сын мах сæ бартæ нæ халæм, фæлæ сын дæттæм фадæттæ", — загъта Гасситы Натали.
Уый ма бафтыдта, ахуырады ног форматмæ рахызты фæдыл ахуырады министрадмæ нырма кæй не ′рбацыд хъастытæ гуырдзиаг скъолаты ахуыргæнинæгты ныййарджытæй.
Ленингоры районы кусынц æхсæз гуырдзиаг æмæ фондз та ирон скхолайы. Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвзæгтæ сты ирон æмæ уырыссаг.