Цæгат Ир хайад райсдзæн Уæрæсейы сæйраг аграрон форумы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæАгросæудæджерадон равдыст "Сыгъзæрин фæззæг-2017"
Агросæудæджерадон равдыст Сыгъзæрин фæззæг-2017 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны делегаци абалц ис Мæскуымæ, цæмæй райса хайад XIX Уæрæсейаг агросæудæджерадон равдысты "Сыгъзæрин фæззæг-2017"

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Цæгатирыстойнаг делегаци исы хайад XIX Уæрæсейаг агросæудæджерадон равдысты "Сыгъзæрин фæззæг-2017", хъусын кæны мыхуыры фæрæз "Слово". Равдыст уагъд цæуы 4-7 октябры, ВДНХ территорийыл Мæскуыйы.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ир æруынаффæ кодтой æмгуыстадыл хъæууон хæдзарады къабазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсе æмæ Хуссар Ир æруынаффæ кодтой æмгуыстадыл хъæууон хæдзарады къабазы

Делегацийы скондмæ бацыдысты республикæйы хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ, аграрон уагдоны специалисттæ æмæ республикæйы хъæууон хæдзарады кондады къухдариуæггæнджытæ. Делегацийы сæргъ лæууы РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Мæрзойты Хъазбег.

"Республикæ стыр хъусдард здахы ахæм равдысттæм. "Сыгъзæрин фæззæг" у иттæг хорз фæзуат хъæууон хæдзарадон къабазы фæллойгæнджытæн. Фыццаг бонæй фæстæмæ махæн бантыст бирæ бадзырдтæ саразын алыгъуызон компанитимæ. Дарддæр дæр кусдзыстæм инвесторты æрбаздахыныл нæ регионмæ", — банысан кодта Мæрзойты Хъазбег.

"Сыгъзæрин фæззæг" 18 азы дæргъы у бæстæйы сæйраг аграрон форум. Равдысты архайдзысты Уæрæсейы æппæт регионтæ æмæ кæцыдæр фæсарæйнаг бæстæтæ дæр. Мадзал æрбакæндзысты УФ хицауады сæрдар Дмитрий Медведев æмæ хъæууон хæдзарады министр Александр Ткачев.

Равдыст аразы УФ хъæууон хæдзарады министрад хицауады æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0