ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд къуырисæры Цхинвайлаг горæттаг поликлиникæйы коллективимæ. Ныхасы рæстæджы медиктæ равдыстой катай дам-думты фæдыл, ома медицинон уагдонæн аивдзысты йæ бынат – ахæсдзысты йæ республикон рынчындоны бæстыхаймæ, хъусын кæны президенты пресс-службæ.
Бибылты Анатолий загъта медицинон уагдоны коллективæн, хорз зонгæ кæй у ацы проблемæимæ æмæ ма спикер куы уыд, уæддæр уыд ахæм темæ, цæмæй поликлиникæйы бæстыхай лæвæрд æрцæуа хицæн адæймаджы къухтæм.
"Уæддæр цыдысты ахæм ныхæстæ. Уæддæр æмæ ныр дæр дзурын, æз цæхгæр разы кæй нæ дæн, цæмæй паддзахадон бæстыхæйттæ лæвæрд цæуой хицæн адæймæгты къухтæм", — загъта уый.
Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рагæй кæй хъæуы бæлвырд проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын æмæ республикæйы къухдариуæгад агуры алыгъуызон фадæттæ.
Президент ма ныфс бавæрдта медиктæн, зæгъгæ, сæ тас персоналы нымæц фæкъаддæр кæныны фæдыл у æнæбындур æмæ бахахх кодта, поликлиникæйы иунæг кусæг дæр кæй нæ баззайдзæн æнæ бынатæй.
"Дзырд цæуы ахæм кусджытыл, кæцытæ кусынц дыгай æмæ фылдæр бынæтты", — фехъусын кодта уый.
Бибылты Анатолий банысан кодта, горæттаг æмæ районон поликлиникæтæн сæ бынат аивыны фæдыл æлхынцъон скъуыддзаг райст кæй нæма æрцыд æмæ равдыста хъæппæрис фæлхаттон фембæлд ауадзын дыууæ къуырийы фæстæ.