Финансты министр радзырдта Хуссар Ирыстонæн уæрæсейаг æххуысы тыххæй

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны бюджет 2017 азы уыд 8 миллиард сомæй фылдæр, ацы суммæйы 90% у уæрæсейаг æххуыс

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федераци 2017 азы рахицæн кода Хуссар Ирыстонæн финансон æххуыс 7 миллиард 266 милуан сомы. Республикæйы хисæрмагонд æфтиæгтимæ йæ бюджет ссис 8 миллиард 186 милуан сомы. фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы финансты министр Хæбæлаты Аза.

Олега Говорун Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Говорун Хуссар Ирыстоны инвестпроектты тыххæй: кæд райдыдтат – уæд кусут

Уый банысан кодта, бюджеты 11% (990 милуан сомы) – сты республикæйæн йæхи æфтиæгтæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ, 2013 азæй фæстæмæ республикæйæн йæхи сæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр сты дыууæ хатты.

Финансты министрад ацы аз дыууæ хатты фæфылдæр кодта æфсæддон службæгæнджыты хæрды фæдыл хæрдзтæ, афтæ ма субсидитæ рахицæн кодта унитарон куыстуат "Энергоресурс"-æн, кæцыйæн сæвзæрд хæстæ уæрæсейаг æввонггæнджыты раз.

Ног хабӕртты лентӕ
0