ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йæ указæй ссæрибар кодта Джиоты Аланы Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæджы бынатæй, хъусын кæны дыццæджы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Джиоты Алан 2016 азы декабры онг лæууыд Хуссар Ирыстоны раздæры президенты администрацийы сæргъ. Январы нысан æрцыд РХИ Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæгæй.
Джиоты Алан у Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист, раздæр уыд юстицийы министр, Уæлдæр арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнæг, Нымайæн-хыгъдон палатæйы хæдивæг.