ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы ахъуызыд газ, уый фæстиуæгæн арæнырд срæмыгъд, фехъусын кодтой республикæйы уæлвæткон уавæрты министрады.
Хæдзары цæрæг сылгоймаджы фæхæццæ кодтой рынчындонмæ – басыгъд йæ цæсгом, йæ уавæрæн ын нырма аргъ нæ кæнынц.
Инцидент цы хæдзары æрцыд, уый æнæхъæнæй ныппырх. Срæмыгъды æууæлтæ нырма æргом не ′рцыдысты.